Фæзминаг фæсивæд - цардаразæг! | Изæры рад
«Изæры рад»-ы уæ ацы хатт зонгæ кæнæм, царды раст фæндагыл чи лæууы, йæ хъуыдыкæнынад æхсæнады хорздзинадыл кæмæн ахады, ахæм фæсивæдимæ. Нæ абоны уазджытæ бар-æнæбары иууылдæр балцы цæуджытæ разындысты. Иутæ сæ уыдысты Хуссар Иры, иннæтæ сæ фæндаг адардтой, сæрдыгон суанг мит дæр кæм рауары, уыцы рæттæм - Уæрæсейы Цæгатмæ. Программæйы кæронбæттæны кæимæ фембæлдыстæм, уый та Ирыстоны арæх нал вæййы. Ныр цæры Францийы. Фæлæ йæ дадзинты раздæрау æнхъæвзы ирон туг, нæ ферох кодта йе `взаг дæр. Алкæимæ дæр сæ зæрдиагæй аныхас кодтам.