Сом у Бынатыхсæв
Цыппурсы фæстæ цыдис Бынатыхицауы бæрæгбон, кодтой йæ Цыппурсæй Ног азы æхсæн æртыццæг æхсæвы. Ацы стырбоны ма хонынц æндæр нæмттæй дæр: Дзинкъуырд, Джикъуыртæ, Кæйдæртæ, Хæйрæджыты æхсæв. Ацы бæрæгбоны, адæмы уырнынадмæ гæсгæ, агъуысты æмбæхст вæййынц æнæзæгъинæгтæ, фыдбылызтæ, æвзæргæнджытæ. Адонæй тæрсгæйæ, ирон адæм стырбоны рæстæджы скъæты къæсæртыл, хордонтæм бахизæнты, къæбицы дуаргæрæтты æвæрдтой сындзытæ, сывæллæтты хъуыртыл кодтой дзуæрттæ, хæдзары алыварс зæххыл кодтой хахх исты цыргъагæй... Читать дальше...
